Фӕлӕ сын зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр мондӕгтӕ бацахсынц сӕ зӕрдӕ, ныххурх кӕнынц ныхас, ӕмӕ пайда нӕ ратты.
Уӕд дӕм уырнындзинад ӕмӕ у хӕдӕфсарм. Иуӕй-иутӕ нӕ бакастысты се 'фсармы коммӕ ӕмӕ уый аххосӕй адзӕгъӕл сты уырнындзинадӕй.
Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа.