Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут, фӕцӕрынӕн уӕ цы хойраг ӕмӕ нозт хъӕуы, нӕдӕр ууыл, нӕдӕр уӕ буарӕн дарӕсыл. Мыййаг, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та – дарӕсӕй? Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви? Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн? Дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц. Зӕгъын уын: суанг Соломон, намысджын ӕмӕ хъӕздыг лӕг, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ арӕзта йӕхи. Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах не сфӕлынддзӕн, ӕви, лӕмӕгъ уырнджытӕ! Уӕдӕ мӕт ма кӕнут ӕмӕ ма дзурут: „Цы хӕрӕм?", „Цы нуазӕм?", „Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?" Ӕппӕт уыдӕттӕ муртаттӕ агурынц; сымахӕн уӕ Уӕларвон Фыд зоны, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц, уый. Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр. Уӕдӕ мӕт ма кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕн йӕ хъуагыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ ӕгъгъӕд сты. Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ. Хатын Эводимӕ, хатын Синтихимӕ: сымах Хицауимӕ стут, ӕмӕ ӕмбарут кӕрӕдзи. Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон мӕнимӕ иумӕ тох кодтой фарны уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд. Иудадзыг цин кӕнут, Чырыстиимӕ кӕй стут, ууыл; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын – цин кӕнут. Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Хицауӕн Йе 'рцыд хӕстӕг у. Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, курут Дзы, бузныгӕй Йын ӕргом кӕнут уӕ хъуӕгтӕ, Ӕмӕ зонд кӕуыл не 'ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй. Ӕппынфӕстаг, ме 'фсымӕртӕ, цыдӕриддӕр у ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон – цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ. Цӕуыл уӕ сахуыр кодтон, цы уын радтон, цы уын загътон, цавӕрӕй мӕ федтат, фӕзмут ӕппӕт уыдӕттӕ, ӕмӕ фарндӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ. Бузныг дӕн Хицауӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд. Хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын – ӕз сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайыныл. Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл. Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у – зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода