Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы уӕхи ма сифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг? Чырыстийӕн велиаримӕ бафидауӕн ис, мыййаг? Кӕнӕ уырнӕджы цы бӕтты ӕнӕуырнӕгимӕ? Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се 'хсӕнӕй ӕмӕ сӕ рахицӕн ут, зӕгъы Хицау, чъизи цы у, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд». Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Сӕ иутӕ кадджын мигӕнӕнтӕ сты, иннӕтӕ та – хуымӕтӕг. Уӕдӕ тӕригъӕдӕй йӕхи чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕн кадджын нывонд мигӕнӕн – пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау, бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр. Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Хицаумӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода