Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй. Уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн. Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл. Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад – мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау. Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ бауа ӕмӕ куыд фӕхудинаг уа. Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын ӕлхӕной сӕ зӕрдӕ, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой, Сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ сеппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода