Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Сымахмӕ ахӕм хорз хъуыддаг Чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн кӕронмӕ, ууыл ӕууӕндын фидарӕй. Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй.
1. Тимофею
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода