2
Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницӕмӕ дарыны цӕстӕй ма кӕсӕнт, се 'фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕн уырнджыты, араз сӕ ахӕм зондыл.
Хуыцау сымах кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ уӕ кӕй уарзы, уый махӕн зындгонд у, не 'фсымӕртӕ.
Ӕмӕ дын цагъар мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр – уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, ды та йӕ ноджы фылдӕр бауарздзынӕ, канд адӕймагау нӕ, фӕлӕ Хицауимӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕр.