17
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ӕппӕт дӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы [цардӕгас] Хуыцауӕй.
Уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хӕссы уӕ хойрагӕй ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ ӕфсады цинӕй».
Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Хъал ма ут; дунейы цӕсты чи нӕ ахады, уыдонӕй уӕлдӕр уӕхи ма ӕвӕрут. Уӕхи цӕсты зондджынтӕ ма ут.
Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у.