Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.
Ӕмӕ уӕм уырнындзинад куы уа, уӕд уӕ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут».
Уый тыххӕй уын зӕгъын: уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут, ӕмӕ йӕ райсдзыстут.
Ӕмӕ Мӕ ном ссаргӕйӕ цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыд равдиса Йӕ намыс.
Сымах Мемӕ куы уат, ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.