Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Моисей Синайы хохӕй фидыды дыууӕ къӕйдуримӕ куы ӕрцӕйцыд, уӕд нӕ зыдта, Хуыцау йемӕ кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ кӕй калы, уый. Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» Ӕмӕ кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд иугӕр Йемӕ тухӕн ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ намысӕй. Мах неппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Хицауы намысмӕ, уыцы намыс зыны махыл ӕмӕ кӕнӕм Хицауы хуызӕн – уый Хицау аразы Йӕ Уды руаджы. Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ намысджын Буары халдих. Уӕ цард, Чырысти, куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ намыс дӕр. Афтӕмӕй мах райстам, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр зӕрдӕвӕрдтӕ, уыдоны фӕрцы Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй куыд схайджын уат, ӕмӕ фервӕзат тӕригъӕдджын мондӕгты аххосӕй дуне хурхгӕнӕг мӕлӕтӕй. Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ӕрцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.
Выбор основного перевода