Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕдӕ сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимӕ. Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх. Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй. Уӕдӕ, мӕ хъӕбултӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ӕрцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ. Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.
Выбор основного перевода