Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд.
Дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд зонут – сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.
Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз дунейӕ кӕй сӕвзӕрстон, уый тыххӕй уӕ уыны дуне йе сӕфт.