Фӕлӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй.
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Кӕсут-ма, Фыд нӕ куыд бирӕ уарзы, Йӕ хъӕбулты ном куыд хӕссӕм, афтӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.