Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Фӕлӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар. Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй. Хуыцауы хъӕбултӕй ӕмӕ хӕйрӕджы хъӕбултӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе 'фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу. Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ – Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Выбор основного перевода