Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа, ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕддӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕ- нын уеппӕтимӕ дӕр. Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы фарны уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын. Ӕппӕт адӕмы ссӕрибары тыххӕй Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн – уымӕй Хуыцауы фӕндон равдыстӕуыд Йӕхи нысангонд ӕмгъуыдыл.
Выбор основного перевода