Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бӕргӕ сын куы ныббарис сӕ тӕригъӕд! Кӕд нӕ, уӕд мӕ ном дӕр сис, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Йӕ тӕригъӕдӕй Мӕ хъыджы чи бацыд, уыдоны нӕмттӕ сисдзынӕн Мӕ чиныгӕй. Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк. Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк». Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон мӕнимӕ иумӕ тох кодтой фарны уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд. Уӕлахиздзау уыдонау скӕндзӕн урс-урсид дарӕс, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныджы нӕ ахахх кӕндзынӕн. Мӕ Фыды ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн мӕхионыл. Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та – цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры; ӕдде бакӕсгӕйӕ Уӕрыкк уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, афтӕ. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.
Выбор основного перевода