Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта, Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йӕ цагъартӕ иууылдӕр ӕмӕ Дзы чи тӕрсы, уыдон – номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ». Ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ».
Выбор основного перевода