Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕндзӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ цы стъалы ӕрхауд, уый; уымӕ лӕвӕрд ӕрцыд дӕгъӕл дӕлдзӕхӕй. Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, егъау пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалд фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй ныттар сты хур ӕмӕ уӕлдӕф. Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон скорпионты тых. Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд знаггад нӕ кӕнын нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн. Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, скорпион йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Бӕлдзысты мӕлӕтмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты. Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл – сызгъӕрин кадыхудты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ – адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн, Сӕ сӕрыхъуынтӕ – сылгоймаджы сӕрыхъуынты хуызӕн, сӕ дӕндӕгтӕ – домбайы дӕндӕгтау. Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау. Мӕтыхты къӕдзилтӕ уыдысты скорпионты къӕдзилтау фӕттимӕ; ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы знаггад кӕныны тых. Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон, бердзенагау та – Аполлион.
Выбор основного перевода