Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта, Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдоны хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты». Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.
Выбор основного перевода