Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй. Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!» Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта, Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдоны хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».
Выбор основного перевода