Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн дӕр дӕтты бардзырд, ӕмӕ кӕсынц Йӕ коммӕ».
Йесо басидт Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.