Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. Авраамы, Исаакы, Иаковы ӕмӕ ӕппӕт пехуымпарты фендзыстут Хуыцауы Паддзахады, уӕхи та уын раппардзысты ӕддӕмӕ.
Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, ӕмӕ ӕрбаддзысты Хуыцауы Паддзахады фынгыл.
Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.