Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо акаст фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайтӕккӕ сӕнӕниз. Хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты куырмытӕ. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ бон афтӕ саразын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!» Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд». Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ чызг уайтӕккӕ сдзӕбӕх. Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ». Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ». Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕн». Уый сӕ бафарста: «Кӕцы сахатыл ын фенцондӕр?» Уыдон ын загътой: «Знон ӕвдӕм сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд».
Выбор основного перевода