Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын уыцы ныхӕстӕ куы кодта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ ӕрцу, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕн». Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыд, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн». Уӕд уыцы цагъар йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ йын дзырдта: „[Ме 'лдар!] Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр бафиддзынӕн". Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, Йӕ разы ӕрзоныгыл ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй. Уӕд уый загъта: «Уырны мӕ, Хицау!» – ӕмӕ Йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл.
Выбор основного перевода