Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый зоныны бӕласӕй дын хӕрыны бар нӕй. Цы бон дзы фӕхъӕстӕ уай, уыцы бон ссардзынӕ дӕ мӕлӕт». Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном – Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл. Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу. Уымӕн ӕмӕ мӕ ацы фырт уыди мард ӕмӕ райгас, уыди сӕфт ӕмӕ разынд". Ӕмӕ бӕрӕгбон райдыдта. Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ». Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу». Ӕмӕ уӕ буары уӕнгтӕ ма раттут тӕригъӕдӕн – ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотыхӕн, фӕлӕ сымах мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уӕ уӕнгтӕ. Ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ – сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы. Ӕфсымӕртӕ, ӕз афтӕ ӕнхъӕл нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстон. Ӕрмӕст, фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныййарц дӕн размӕ –
Выбор основного перевода