Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йӕ галиу фарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм. «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой. Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый. Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цы домыс, Мӕ Мад? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд». Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы бацыди тас ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн». Кӕд тӕригъӕды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зӕдтыл нӕ бацауӕрста, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй; Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ.
Выбор основного перевода