Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызмӕ кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы хуызӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын, сымахӕй ист ӕрцӕудзӕни Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕни, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн. Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы та ацыдысты Галилеймӕ, Йесо сын цы хохмӕ загъта, уырдӕм. Ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл. Сӕ иуӕй-иутӕ та фӕгуырысхо сты. Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ». Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.
Выбор основного перевода