Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уым Ӕй райдыдтой зылын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, Ай нын халы нӕ адӕмы, кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома, Паддзах». Алы адӕймаг дӕр уӕд уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй. Цы хицауӕдтӕ ис, уыдон Хуыцауы ӕвӕрд сты. Уымӕ гӕсгӕ сымах фидут хъалон дӕр, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сӕ хӕстӕ ӕнувыдӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй Хуыцауӕн кусынц. Уӕдӕ кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад. Хицауы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн – уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн, Фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн. Цӕрут сӕрибар адӕмау – Хуыцауы цагъартау. Фӕлӕ уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕ ма расайӕд. Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.
Выбор основного перевода