Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ ныууадзой аргъӕуттӕ ӕмӕ рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ранымай-банымайтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн фӕуӕн нӕй, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ, ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн – уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн. Ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕзонд аргъӕутты ӕмгӕрон та ма цу, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. Уый у сӕрыстыр, ницы зоны, сӕйы ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕуныхӕсты низӕй. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, Хицауы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не 'мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, уа хорз зондамонӕг, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсса, Ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, ӕрцӕуа сӕм фӕсмон ӕмӕ базоной ӕцӕгад, Ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕнынӕн цы хӕйрӕг ӕрцахста, уый къӕппӕгӕй.
Выбор основного перевода