Йесо уырдыгӕй куы араст, уӕд дыууӕ куырмы цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»
Чырысти Давиды байзӕддагӕй кӕй уыдзӕн, Давид кӕцӕй уыди, Вифлеемы уыцы хъӕуӕй кӕй ӕрцӕудзӕн, Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕу, ӕви?»
Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг,
Фӕлӕ Хуыцауы Фырт кӕй у, уый равдыстӕуыд Йӕ хъаруйӕ, сыгъдӕггӕнӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Хицау Йесо Чырысти.