Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, Цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ". Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ. Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ»? Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йе знӕгты Йын цалынмӕ Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдӕуа, уӕдмӕ.
Выбор основного перевода