Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Фыстӕй нӕма зыдтой, Йесо мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уа, уый. Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой, ӕмӕ нӕ бамбӕрстой, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ сӕ сӕххӕст кодтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынӕй. Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыд донӕй ӕмӕ доны фӕрцы. Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын. Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй ауӕрст сты басудзынмӕ – тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Хицауӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та – иу боны хуызӕн. Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Хицау фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ уын бирӕ быхсы – фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной. Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, ахӕм кад Ын не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ӕмӕ се 'нӕрхъуыды зӕрдӕтӕ нытталынг сты. Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди, Байтыдӕуы ницӕйагӕй, райгас вӕййы намысджынӕй; байтыдӕуы лӕмӕгъӕй, райгас вӕййы тыхджынӕй;
Выбор основного перевода