Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бафидау ӕвӕстиатӕй дӕ зылынгӕнӕгимӕ, цалынмӕ йемӕ тӕрхондонмӕ цӕуыс, уӕдмӕ; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ баппардзысты ахӕстоны. Ӕцӕг дын зӕгъын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг кодранты онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй. Дӕ зылынгӕнӕгимӕ хицӕуттӕм куы цӕуай, уӕд архай фӕндагыл йемӕ бафидауыныл; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый баппардзӕн ахӕстоны. Зӕгъын дын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг лептӕйы онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй». Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты, Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут.
Выбор основного перевода