Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Фӕлӕ уӕ уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг; Ӕмӕ уӕ фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар. Уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕни. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕни. Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Фӕлӕ уӕ уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг; Ӕмӕ уӕ фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уеппӕтӕн дӕр уӕд цагъар. Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, хистӕр та – лӕггадгӕнӕгау. Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Выбор основного перевода