Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн. Ӕмӕ уӕм уырнындзинад куы уа, уӕд уӕ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут». Уый тыххӕй уын зӕгъын: уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут, ӕмӕ йӕ райсдзыстут. Сымах Мемӕ куы уат, ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут. Уӕд Мӕ ницӕмӕй фӕрсдзыстут. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн. Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не 'ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, – ӕмӕ йын ратдзӕн. Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Аргъ сын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх – мыггагмӕйы цард. Афтӕмӕй уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн. Ӕмӕ цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.
Выбор основного перевода