Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз та уӕм дард дӕн, фӕлӕ удӕй уемӕ дӕн, ӕмӕ цыма ӕцӕгдӕр уемӕ дӕн, афтӕ бауынаффӕ кодтон, ахӕм хъуыддаг бакӕнӕгӕн цы бачындӕуа, уый тыххӕй: Нӕ Хицау Йесойы номыл куы ӕрӕмбырд уат, уӕд мӕ уд дӕр уыдзӕн уемӕ, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕджы нӕ Хицау Йесойы хъаруйӕ Бакӕнӕм хӕйрӕджы бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Хицау тӕрхон куы кӕна, уыцы бон. Ӕнӕуырнджытӕн Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг. Уӕдӕ «хӕлд адӕймаджы фӕсурут уе 'хсӕнӕй». Уӕ иу иннӕйыл куы фӕхъаст кӕны, уӕд йӕ ныфс куыд хӕссы йӕ хъаст ӕнӕхуыцӕуттӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ? Дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут? Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу? Кӕд ахӕм быцӕутӕ рауайы, уӕд сын тӕрхонгӕнджытӕй цӕмӕн сӕвӕрут, аргъуанмӕ чи ницы бар дары, уыдоны? Уӕхиуыл ӕрхудыны тыххӕй уын зӕгъын: йе 'фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви? Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы. Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд. Нӕ фыстӕджы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, йӕхиуыл куыд ӕрхуда, афтӕ. Уый у сӕрыстыр, ницы зоны, сӕйы ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕуныхӕсты низӕй. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, Ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.] Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.
Выбор основного перевода