Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кӕсут уӕхимӕ. Де 'фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар. Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ дӕм бон авд хатты куы бацӕуа ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын", – уӕд ын ныххатыр кӕн». Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, ӕвӕлмасӕй раздахут раст фӕндагмӕ; уыимӕ кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уын тӕригъӕд уӕхи дӕр ма сцыбӕл кӕна. Иу иннӕйы царды уаргъӕй бахай кӕнӕд йӕхицӕн, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзыстут Чырыстийы ӕгъдау. Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут. Бынтондӕр ныууадзут мӕсты ӕмӕ знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой, алы ӕндӕр фыдӕх. Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зын уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн. Ме 'фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха, Уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.
Выбор основного перевода