Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд ӕмӕ Йӕ фӕдыл цӕуджытӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ахӕм уырнындзинад Израилы Ӕз никӕмӕ федтон. Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ. Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыди, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс». Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.
Выбор основного перевода