Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у». Стӕй скаст уӕларвмӕ, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата». Ома: «Байгом у». Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у». Ӕмӕ Йесо семӕ фынгыл куы ӕрбадт, уӕд райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй радта. Уӕд ракастысты сӕ цӕстытӕй, базыдтой Йӕ, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой. Айстой дур. Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ хъусыс, уый тыххӕй. Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ ай загътон, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».
Выбор основного перевода