Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыд. Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уый ахӕм у: фехъусы ныхас ӕмӕ йӕ уыйадыл цингӕнгӕ айсы йӕ зӕрдӕмӕ, „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц». «Адӕмӕй» зӕгъынӕй та адӕмӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уырныдта, Иоанн ӕцӕгӕй пехуымпар кӕй уыд, уый. Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрцыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уыди дзуттаг). Феликс арвыста Павелы ӕрбакӕнынмӕ, ӕмӕ хъуыста, Павел Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ. Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы бацыди тас ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн». Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».
Выбор основного перевода