Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уыцы рӕстӕг ногӕй ӕрӕмбырд бирӕ адӕм, ӕмӕ цы бахордтаиккой, уый сӕм нӕ уыд. Уӕд Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ цы бахӕрой, уый сӕм нӕй. Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрцыдысты». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Чи самал кӕндзӕн ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзултӕ?» Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд». Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Уыдон сӕ байуӕрстой. Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо раарфӕ кодта, ӕмӕ бафӕдзӕхста уыдоны дӕр байуарын. Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды. Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ ауагъта,
Выбор основного перевода