Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Иерусалиммӕ; Йесо цыди сӕ разӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ дисы ӕфтыдысты, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыд. Йесо ногӕй фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын дзурын райдыдта, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй: Йесо цыди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кодта адӕмы; Йӕ фӕндаг уыд Иерусалиммӕ. Йесо Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд Йӕ фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл. Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн: Адӕм байхъуыстой, цы загъта, уымӕ. Йесойы Иерусалиммӕ бирӕ кӕй нал хъуыд, уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сын уый тыххӕй Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дӕр. Уый зӕгъыны фӕстӕ Йесо араст Йӕ фӕндагыл Иерусалиммӕ.
Выбор основного перевода