Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымахыл зӕрдиаг чи у, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи у, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг. Уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы, ӕмӕ сымахыл йӕхи чи тигъ кӕны, уый Мӕныл тигъ кӕны йӕхи. Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны, уый та Мӕ Рарвитӕгыл тигъ кӕны йӕхи». Йесо хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уый, Мӕныл ӕууӕндгӕйӕ, Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕнды. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Ӕз кӕй арвитон, ууыл зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи у, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг». Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн, ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй. Иннӕтӕй хи уӕлдӕр ӕвӕрыны кӕнӕ кадмӕ бӕллыны сӕраппонд мацы аразут, фӕлӕ ут сӕрныллӕг – иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл. Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй тӕккӕ къаддӕрӕн, рардӕуыд ацы хорзӕх – фарны уац Чырыстийы ӕгӕрон намысы тыххӕй муртаттӕм ӕрхӕссын,
Выбор основного перевода