Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уемӕ ма хӕссут нӕдӕр ӕхцайы дзӕкъул, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй фӕндагыл салам дӕр макӕмӕн дӕттут. Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы дзӕкъулӕй, ӕнӕ хордзенӕй, ӕнӕ дзабыртӕй куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат?» Уыдон дзуапп радтой: «Ницӕмӕй». Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза? Афтӕ Хицау фарны уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста фарны уац хъусын кӕнынӕй цӕрын. Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!"
Выбор основного перевода