Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сӕфӕм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад ӕмӕ уылӕнтӕн; уыдон банцадысты, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
Уӕд Йесо загъта: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ сеппӕт дӕр «нӕ» куы дзырдтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, адӕм Дыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Дӕ цъист кӕнынц».
Ӕмӕ хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!»