Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый фӕстӕ райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн». Ӕмӕ Йесо семӕ фынгыл куы ӕрбадт, уӕд райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй радта. Уыдон ӕнувыдӕй хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, ӕмуд-ӕмвӕндӕй арӕзтой дзулсаст ӕмӕ куывтой. Уый фӕстӕ схызт уатмӕ, асаста дзул, бахордта дзы, фӕныхас ма кодта сӕумӕцъӕхтӕм, стӕй ацыд. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел райста дзул, сеппӕты раз арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ райдыдта хӕрын.
Выбор основного перевода