Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн".
Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.