Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн». Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».
Выбор основного перевода