Сӕ иу уайтӕккӕ азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны, ӕрсагъта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ йӕ Йесомӕ бадардта баназынмӕ.
Иучидӕр та азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны ӕмӕ йӕ ӕрсагъта лӕдзӕгыл. Баназынмӕ Йӕм ӕй бадардта ӕмӕ загъта: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Илиа ӕрцӕуид дзуарӕй Йӕ ӕрисынмӕ».
Уым уыди туаг сӕнӕй дзаг мигӕнӕн. Ӕфсӕддонтӕ губкӕ стылдтой туаг сӕны, ӕрсагътой йӕ иссопыл ӕмӕ Йын ӕй схастой Йӕ дзыхмӕ.