Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Пилат алчертӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы Адӕймагмӕ ницы азым арын». Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди раст ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ», «ӕхсад хуы ацӕуы цъыфы йӕхи сӕвдулынмӕ». Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз. Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
Выбор основного перевода