Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной.
Фӕлӕ алчертӕ сардыдтой адӕмы, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ.
Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уый зӕгъыны фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын.
Уыди Куадзӕнмӕ цӕттӕ кӕныны бон, ӕхсӕзӕм сахатмӕ ӕввахс. Пилат загъта иудейтӕн: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!»
Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат.